Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ фӕзӕгъут: „Нӕ фыдӕлты рӕстӕг куы цардаиккам, уӕд пехуымпарты туг ныккалджытимӕ ӕмдзӕхдон нӕ уыдаиккам". Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн аразут зӕппӕдзтӕ – Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл. Хивӕнд адӕм! Сымахӕн уӕ буар сунӕт у, уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ та сунӕтгонд не сты. Сымах уӕ фыдӕлты хуызӕн стут – кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут. Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары хъизӕмӕрттӕй ӕз архайын Чырыстийы тухӕнтӕ баххӕст кӕныныл Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд.
Выбор основного перевода