Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ӕй хъахъхъӕнджытӕй иу – хӕстӕг Ӕм чи лӕууыд, уый – ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?» Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ныццӕвдзӕн, чъырӕйцагъд къул! Мӕнӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕныны тыххӕй ам бадыс; ды та дӕттыс мӕ нӕмыны бардзырд, ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау». Йӕ фыдӕхӕн макӕмӕн фидут фыдӕхӕй. Ӕппӕт адӕмы цӕсты хорз цы у, архайут уый кӕныныл. Кӕрӕдзийыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ стыр ӕгадмӕ ӕртардта. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Куы уӕ бастыгъдӕуа, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид?
Выбор основного перевода