«Тӕхудиаг сты, йе скаст ӕрмӕст Хуыцаумӕ кӕмӕн у – Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.