Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». Йесо йын загъта: «Хъусыс, макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ӕмгъуыдӕй раздӕр нӕ ардӕм хъизӕмарӕй марынмӕ ӕрцыдтӕ?» Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу Ӕй куы федтой, уӕд-иу Йӕ разы сӕхи аппӕрстой дӕлгоммӕ, ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
Выбор основного перевода