Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъ уырнджытӕ?» Ӕмӕ сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн радта бардзырд, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр. Йесо сыстади, бардзырд радта уадӕн ӕмӕ загъта денджызӕн: «Банцай, ныссабыр у». Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр. Йесо йӕ цуры слӕууыд, бардзырд радта тӕвднизӕн, ӕмӕ йӕ тӕвдниз ныууагъта. Уыйадыл сылгоймаг сыстад ӕмӕ сын райдыдта лӕггад кӕнын. Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый. Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, Хицау, сӕфӕм!» Йесо сыстади, бардзырд радта уад ӕмӕ уылӕнтӕн; уыдон банцадысты, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
Выбор основного перевода