Йесо Йӕ хъуыддаг куы райдыдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй уыди Иосифы фырт, Илийы,
Уыдон дзырдтой: «Ай Иосифы фырт Йесо нӕу, мыййаг? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ Мады дӕр куы зонӕм, уӕд Уый куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн"?»
Иудейтӕ дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Куы никӕм ахуыр кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд зоны?»