Йесо дӕлимонӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу». Дӕлимон уыцы адӕймаджы синагогӕйы хӕдастӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.
Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.