Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста сӕм фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.
Ӕмӕ Йын тынг лӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл ӕрӕвӕр Дӕ къухтӕ, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».
Публийы фыд сади тӕвдниз ӕмӕ гуыбыннизӕй. Павел ӕм бацыд, бакуывта, ӕрӕвӕрдта йыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта.