Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». Ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"». Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстӕйы хицауы раз. Бӕстӕйы хицау Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс». Ӕмӕ Йын хӕйрӕг загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ феста дзул». Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Иерусалиммӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар ардыгӕй. Пилат Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Выбор основного перевода