Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Йесо ныхъхъус ӕмӕ ницы дзуапп лӕвӕрдта. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонды Фырт?» Зӕххон цы у, Ӕз уын уый тыххӕй загътон, ӕмӕ уӕ нӕ уырны; уӕларвон цы у, уый тыххӕй уын куы дзурон, уӕд та уӕ куыд бауырндзӕн? Ӕз та ӕцӕг кӕй зӕгъын, уый тыххӕй Мыл не 'ууӕндут. Уым Ыл ӕрӕмбырд сты иудейтӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Бирӕ ма нӕ тухӕнӕй мардзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ». Ныр алчер та бафарста Йесойы Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй.
Выбор основного перевода