Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, ууыл. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта, ӕмӕ ацыди уырдыгӕй. Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой. Йесо фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уӕд Ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты. Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕны ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойы хинӕй ӕрцахсыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат. Йесо алы бон дӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ адӕмы хистӕртӕ хъавыдысты амарынмӕ, Йесо ацы фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕвӕстиатӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Уӕд Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Выбор основного перевода