Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ намысджын бынаты куы сбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, сбаддзыстут дыууадӕс бадӕны Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ. Йесоимӕ фынгыл чи бадт, уыдонӕй иу уый куы фехъуыста, уӕд Ын загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады къӕбӕр чи бахӕра, уый!» Дунейӕн сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут? Уӕлахиздзауы Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ. Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуындтытӕ». Ноджы мын загъта: «Уыдон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».
Выбор основного перевода