Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Йесо ӕрбадти, басидти дыууадӕсмӕ ӕмӕ сын загъта: «Уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый ӕппӕтӕй дӕлдӕр уӕд ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр». Ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг; Мӕныл зӕрдиаг чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у зӕрдиаг. Уеппӕты ӕхсӕн тӕккӕ къаддӕр чи у – цытджын уый у». Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уеппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Выбор основного перевода