Де знаджы хӕрӕг уаргъы бын куы ӕрхауа, уӕд ӕй ӕнӕ де 'ххуысӕй ма ныууадз: иумӕ йын сисут йӕ уаргъ.
Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа, ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви?
Йесо йын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, мыййаг сымахӕй алчидӕр сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?