Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕни. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕни. Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн». Уый хыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты». Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уеппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Выбор основного перевода