Уыди дзы, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ цӕмӕй Йесойы фӕзылын кӕной, уый тыххӕй Йӕ бафарстой: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой.
Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз уӕ фӕрсын: сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?»