Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу. Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. Йесо басидт адӕммӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. Уый фӕстӕ сеппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр-иу райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл. Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй, Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ уд ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн мыггагмӕйы цардӕн.
Выбор основного перевода