Иоанн уыди, Исай-пехуымпар рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ"».
Фӕлӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.
Илиайы уд ӕмӕ тыхимӕ цӕудзӕни Хицауы разӕй, цӕмӕй фыдӕлты зӕрдӕтӕ раздаха цотмӕ, хивӕндтӕн ратта рӕстгӕнджыты зонд, адӕмы ӕрцӕттӕ кӕна Хицауы ӕрцыдмӕ».