Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Ӕмӕ уӕ кӕд баууӕндын фӕнды, уӕд ӕрцӕуинаг чи уыд, Иоанн уыцы Илиа у. Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ"». Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Ӕмӕ уӕдӕ Фыст цӕмӕн афтӕ зӕгъы, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ удхар ӕмӕ хынджылӕггаг фӕуа, зӕгъгӕ? Уый сын дзуапп радта Исай-пехуымпары ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг ран фидиуӕджы хъӕлӕс: ӕмраст скӕнут Хицауӕн Йӕ фӕндаг».
Выбор основного перевода