Павелӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй – уыцы куысты мӕ сӕвӕрдтой нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау ӕмӕ нӕ зӕрдӕдарӕн Йесо Чырысти.
Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн –
Сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ сеппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.
Уыцы иунӕг Хуыцауӕн, нӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы уӕд кад ӕмӕ намыс, паддзахад ӕмӕ ӕлдариуӕг – рӕстӕджы райдианӕй нырмӕ, абон ӕмӕ мыггагмӕ! Амен.