Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Луки
Параллельные места
Уӕд Хуыцауӕн дӕттут алы хистӕр лӕппуйы дӕр; фосы алы фыццагзад дӕр Хуыцауы хъуамӕ уа. Йесо Чырыстийы райгуырд уыди афтӕ. Йӕ Мад Мариа куырдуаты бадт Иосифӕн, ӕмӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг, Мариа Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ кӕй банхъӕлцау. Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрд, уӕд ӕм фыны фӕзынд Хуыцауы зӕд ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Иосиф! Ма тӕрс дӕ ус Мариайы дӕ хӕдзармӕ ӕрбахонынӕй – Йӕ гуыбыны Чи сӕвзӕрди, Уый Сыгъдӕг Удӕй у. Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Уый уыдзӕни цытджын, схуындӕйӕуыдзӕн Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Хицау Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахад. Йесо сын загъта: «Сымах дӕллӕгтӕй стут, Ӕз та – уӕллӕгтӕй. Сымах ацы дунейӕ стут, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн. Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ. Уый у фарны уац Йӕ Фырты тыххӕй. Туг ӕмӕ стӕгӕй Уый уыди Давиды байзӕддаг, Хуыцау бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты рагӕй-ӕрӕгмӕ нӕ фыдӕлтимӕ ныхас кодта пехуымпарты дзыхӕй. Фырты тыххӕй та афтӕ загъд у: «Ды, Хуыцау, паддзахиуӕг кӕндзынӕ мыггагмӕ, Ды раст ӕлдариуӕг кӕныс Дӕ Паддзахады.
Выбор основного перевода