Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у пехуымпармӕ:
„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, ницӕмӕй къаддӕр дӕ Иудӕйы сӕйраг сахартӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни Фӕтӕг ӕмӕ хиздзӕни Мӕ адӕмы – Израилы"».
«Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».
Иосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй ацыд Иудейӕмӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды къонайӕ уыди, йӕ байзӕддаг.