Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг акодтой Галилейыл. Ӕрмӕст Йесойы нӕ фӕндыд, уым кӕй ис, уый исчи базона. Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрхӕстӕг, уӕд Йесо скарста Иерусалиммӕ фӕцӕуын. Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Ӕмӕ уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сымахӕй ничи цӕры. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?» Уӕд иерусалимӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Марынмӕ кӕй агурынц, ай Уый нӕу? Ӕз зонын, Авраамы байзӕддаг кӕй стут, уый. Уӕддӕр Мӕ хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ дзырд нӕ хъары. Сымах та Мӕн, Хуыцауӕй ӕцӕгад фехъусӕг ӕмӕ уын ӕй радзурӕг Адӕймаджы, амарынмӕ хъавут. Авраам афтӕ нӕ кодта.
Выбор основного перевода