Ӕрцыд Йӕ сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн амыдта синагогӕйы. Уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Кӕцӕй Йӕм ис ахӕм зонд, ахӕм диссӕгтӕ аразын Йӕ бон куыд у?
Сабат куы ралӕууыд, уӕд райдыдта амонын синагогӕйы, ӕмӕ Йӕм цы бирӕ адӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ӕппӕт адӕттӕ Йын кӕцӕй сты? Уагӕр Ын цавӕр зонд рардӕуыд, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ аразын Йӕ бон куыд у?
Чи Йӕм хъуыста, уыдон сеппӕт дӕр дис кодтой Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл.
Сеппӕт дӕр Дзы уыдысты разы, дисы сӕ бафтыдтой Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Ай Иосифы фырт нӕу, мыййаг?»