Уый ӕхсӕвы ӕрцыд Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, Ды Хуыцауӕй ӕрцӕугӕ Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ, уый мах зонӕм. Уымӕн ӕмӕ Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон кӕнын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд».
Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: ӔЗ ДӔН, Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.