Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Йесо сӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ Мӕнмӕ лӕвӕрд сты. Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уый Мӕнмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Мӕнмӕ ӕрцӕуӕджы нӕ фӕтӕрдзынӕн. Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын». Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакодта, уӕд ын йӕ дӕлбар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта. Ныртӕккӕ та нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый.
Выбор основного перевода