Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрцыди рӕстӕг, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Бацыди сӕм ӕртыккаг хатт дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Ӕгъгъӕд у, ӕрцыди рӕстӕг. Мӕнӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Айстой дур. Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ хъусыс, уый тыххӕй. Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ намысы афон. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо загъта: «Ныр снамысджын Адӕймаджы Фырт, ӕмӕ Хуыцау дӕр снамысджын Йӕ фӕрцы. Кӕд Хуыцау Йӕ фӕрцы снамысджын, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр снамысджын кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ снамысджын кӕндзӕн рӕхджы.
Выбор основного перевода