Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Цагъартӕ, цыма Чырыстийы коммӕ кӕсут, афтӕ зӕрдиагӕй коммӕгӕс ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн, тӕрсут сӕ хъыджы бацӕуынӕй. Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау. Цагъарады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ. Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницӕмӕ дарыны цӕстӕй ма кӕсӕнт, се 'фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕн уырнджыты, араз сӕ ахӕм зондыл.
Выбор основного перевода