Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Усӕн та Хуыцау загъта: «Дӕ сывӕрджыны бонты дӕ бафтаудзынӕн хъизӕмӕрттыл; тухитӕгӕнгӕ ардзынӕ сывӕллӕттӕ; дӕ зӕрдӕ тырндзӕни дӕ моймӕ, уый та дыл ӕлдариуӕг кӕндзӕн». Сылгоймӕгтӕ аргъуаны ма дзурӕнт, уымӕн ӕмӕ сын дзурын не 'мбӕлы, фӕлӕ сӕ бынат зонӕнт – афтӕ зӕгъы Ӕгъдау дӕр. Сылгоймӕгтӕ, цыма Хицауы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс. Цагъарады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ.
Выбор основного перевода