Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ». Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут уӕлӕрвтӕй Йӕ Фырт Йесойы ӕрцыдмӕ. Уый Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, ӕмӕ мах ирвӕзын кӕны ӕрцӕуинаг фыдӕхӕй.
Выбор основного перевода