Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, лӕгдавджытӕн, мӕнгардтӕн, мӕнгӕвдисӕнтӕн, стӕй ма, раст ахуырады ныхмӕ цы у, уыдӕттыл чи хӕцы, уыдонӕн. Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы, Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ; Цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджыты – багӕды кӕнын.
Выбор основного перевода