Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл.
Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар.
Фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ хорзӕх иу не сты. Кӕд иу адӕймаджы тӕригъӕд бирӕтӕн мӕлӕт ӕрхаста, уӕд уыцы тӕригъӕды зианӕй цас тыхджындӕр сты Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ, иу Адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, хорзӕхмӕ гӕсгӕ бирӕтӕ кӕй райстой, уыцы лӕвар!