Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.
Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕн Хуыцауы зӕдты раз.
Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».
Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.