Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Петр райдыдта дзурын: «Ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый. Хуыцау Израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас – Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы фарны уац. Чырысти та ӕппӕт адӕмы Хицау у. Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ. Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у. Ау, Хуыцау ӕрмӕст иудейты Хуыцау у, муртатты Хуыцау та нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, муртатты Хуыцау дӕр у. Ныр нал ис нӕдӕр иудей, нӕдӕр бердзенаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр Йесо Чырыстиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ иу стут.
Выбор основного перевода