Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ ма сӕ ныхасы фӕрцы Мӕныл чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр. Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе 'хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы кӕны, ӕви фарны уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.
Выбор основного перевода