Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Сымах афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз Моисейы Ӕгъдау кӕнӕ пехуымпарты ахуырад аивынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ аивынмӕ не 'рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Чи Йыл ӕууӕнды, уымӕн тӕрхон нӕй, чи нӕ Йыл ӕууӕнды, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыд Хуыцауы Иунӕг Фыртыл. Ӕфсымӕртӕ, – Ӕгъдау чи зоны, ӕз уыдонмӕ дзурын, – адӕймаг удӕгас куы уа, Ӕгъдауы бар ыл ӕрмӕст уӕд кӕй цӕуы, уый нӕ зонут, ӕви? Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаджы йӕ удӕгас мойыл ӕгъдау бӕтты. Йӕ мой куы амӕла, уӕд та ссӕрибар вӕййы, йӕ мойыл ӕй чи бӕтты, ӕгъдауы уыцы домӕнтӕй. Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕрӕй куы смой кӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у, ӕмӕ ӕндӕрӕй куы смой кӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу. Сымах дӕр афтӕ, ме 'фсымӕртӕ, Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры – мӕрдтӕй Сыстӕджы адӕм, ӕмӕ кусат Хуыцауӕн. Уӕдӕ Ӕгъдау махӕн уыди, Чырыстимӕ нӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы сабигӕс, цӕмӕй сраст уӕм уырнындзинады фӕрцы. Уыцы фидыд ног схонгӕйӕ, Хуыцау фенын кодта, фыццаг фидыд кӕй базӕронд, уый. Цы ныххӕррӕгъ ӕмӕ базӕронд уа, уымӕн та йе сӕфт ӕрӕввахс вӕййы.
Выбор основного перевода