Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй. Цӕмӕй мауал цӕрат, уӕ чъизи мондӕгтӕ уӕ куы сайдтой ӕмӕ уӕ раууатмӕ куы тардтой, раздӕры уыцы цардӕй, Уӕдӕ мауал дзурут мӕнгтӕ – алчидӕр хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах иу буары уӕнгтӕ стӕм. Куы смӕсты вӕййут, уӕд-иу тӕригъӕды ма бафтут: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ, Ӕмӕ хӕйрӕджы ӕмгӕрон ма уадзут. Чи давта, уый мауал давӕд, фӕлтау кусӕд, кӕнӕд пайдайаг хъуыддӕгтӕ йӕхи къухтӕй, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр. Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ хъуаджы чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи сфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуса, уыдонӕн хорзӕхӕн куыд уой, афтӕ. Хуыцау уӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый равдисынӕн уал уын бахай кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ уыцы Уды хъыджы ма цӕут. Бынтондӕр ныууадзут мӕсты ӕмӕ знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, фыдгой, алы ӕндӕр фыдӕх. Уӕдӕ йӕ уырнындзинад чи равдыста, ахӕм ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уыйас бирӕ кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,
Выбор основного перевода