Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Цагъартӕ, цыма Чырыстийы коммӕ кӕсут, афтӕ зӕрдиагӕй коммӕгӕс ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн, тӕрсут сӕ хъыджы бацӕуынӕй. Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау. Кусут сын зӕрдӕрайгӕйӕ, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Хицауӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ. Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Хицауӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр. Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын ӕлхӕной сӕ зӕрдӕ, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой, Ӕмӕ дын цагъар мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр – уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, ды та йӕ ноджы фылдӕр бауарздзынӕ, канд адӕймагау нӕ, фӕлӕ Хицауимӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕр.
Выбор основного перевода