Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаджы Йемӕ байтыгъдӕуыд нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд басӕттынӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъарӕй фервӕзынӕн. Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы. Ныййих сты сӕ зӕрдӕтӕ, уымӕ гӕсгӕ бафтыдысты ӕлгъаг хъуыддӕгты, ӕмӕ сын чъизи митӕй ӕфсис нал и. Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн сымахмӕ хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Зындгонд уын хъуамӕ уа: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн, – уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, – Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.
Выбор основного перевода