Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау миты ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар.
Ӕви галиутӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,
Дзӕгъӕлдзырдӕй уӕ мачи асайӕд. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ азар ныккалдзӕн, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл.