Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Байтыдӕуы ницӕйагӕй, райгас вӕййы намысджынӕй; байтыдӕуы лӕмӕгъӕй, райгас вӕййы тыхджынӕй; Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй. Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт – ме 'фтиаг. Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ намысджын Буары халдих. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕртӕ уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.
Выбор основного перевода