Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Филиппийцам
1 2 3 4
Параллельные места
Уӕ базылын кӕныны тыххӕй нӕ зӕгъын афтӕ. Амӕйразмӕ дӕр уын куы загътон: уыйбӕрц уӕ уарзӕм, ӕмӕ цӕттӕ стӕм уемӕ амӕлынмӕ дӕр ӕмӕ цӕрынмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийӕн кӕй кусын, уый тыххӕй дӕн ахӕстоны сымах, муртатты, сӕраппонд. Уӕдӕ ӕз, Хицауы сӕраппонд ахст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта, уый аккаг. Ӕмӕ ӕз Чырыстийы сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый базыдтой галуаны ӕппӕт хъахъхъӕнджытӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр. Ӕмӕ ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Хицауыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас. Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
К Филиппийцам
1 2 3 4
Выбор основного перевода