Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Филиппийцам
1 2 3 4
Параллельные места
Хуыцауӕн фӕндиаг цы у, уый зоныс; Ӕгъдау дӕ сахуыр кодта, хуыздӕр цы у, уый ӕмбарыныл; Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый. Цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ӕхсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се 'хсӕн, Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау. Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд бынтондӕр – уӕ уд, уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ буар – ӕппӕт дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ. Чи бахъомыл, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ фыдӕх хицӕн кӕнынмӕ чи арӕхсы, хъӕбӕр хойраг уыдонӕн у.
К Филиппийцам
1 2 3 4
Выбор основного перевода