Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Филиппийцам
1 2 3 4
Параллельные места
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг. Неаполӕй та – ромаг колони Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны, Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы – Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йесо Чырыстийы руаджы кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдонмӕ; стӕй алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы, нӕ иумӕйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр. Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не 'фсымӕр Тимофейӕ – Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм. Ацы ныхас ӕцӕг у: аргъуаны хистӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы. Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг, Ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас, Диакъонтӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг лӕгтӕ, ма уой дывзагон, нозтуарзаг ӕмӕ кӕрӕф. Павелӕй, Хуыцауы цагъарӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ, ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ: Алчидӕр сӕ хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, йӕ сывӕллӕттӕ уой уырнджытӕ, хӕлд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсы дау сӕм ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа. Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф. Уый хъуамӕ уа уазӕгуарз, хӕрзгӕнӕг, хӕдзонд-хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ, Цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджыты – багӕды кӕнын.
К Филиппийцам
1 2 3 4
Выбор основного перевода