Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Филиппийцам
1 2 3 4
Параллельные места
Агав нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейтӕ Иерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртатты къухтӕм». Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийӕн кӕй кусын, уый тыххӕй дӕн ахӕстоны сымах, муртатты, сӕраппонд. Уӕдӕ ӕз, Хицауы сӕраппонд ахст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта, уый аккаг. Саламтӕ уын дӕттынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ. Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ – нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ, Уӕддӕр дӕ уарзондзинады сӕраппонд хуыздӕрыл нымайын дӕумӕ ӕрхатын. Ӕз, зӕронд Павел, ныр та ма Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахст лӕг дӕр,
К Филиппийцам
1 2 3 4
Выбор основного перевода