Ӕмӕ кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд иугӕр Йемӕ тухӕн ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ намысӕй.
Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕн, уымӕн – сымах нымад ӕрцӕудзыстут, кӕй сӕраппонд хъизӕмар кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахадӕн аккагыл.