Моисей сын дзуапп радта: «Уый Хуыцауӕн фӕндон у. Уымӕн ӕмӕ райсом ӕнцойбон у – Хуыцауы сыгъдӕг сабат. Абон скӕнут кӕрдзынтӕ ӕмӕ сфыцут уӕ фыцинаг. Цы уын дзы баззайа, уый та ныууадзут райсоммӕ».
Ӕмӕ Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты».
Уӕдӕ Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыны тыххӕй зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ тӕрсӕм, цӕмӕй сымахӕй уыцы фӕлладуадзӕнӕй ӕнӕхай мачи фӕуа.