Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй, Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр, иу Удӕй хайджынтӕн, Фыдмӕ фӕндаг байгом Чырыстийы фӕрцы. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ мӕ бӕрны бакодта уӕ сӕраппонд кусын. Уӕдӕ нӕ, ӕфсымӕртӕ, ныфс ис, Йесойы Туджы фӕрцы ног ӕмӕ царддӕттӕг фӕндагыл Иууылсыгъдӕгмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уымӕй.
Выбор основного перевода