Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зондыхос сты; ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыди, цӕмӕй мах, рӕстӕджы кӕроны цӕрджытӕ, ахуыр кӕнӕм уыдоныл. Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа. Уымӕн ӕмӕ Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд Йӕ ныхмӕ сыстадысты, ӕрмӕст сеппӕт нӕ. Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕды чи бафтыд ӕмӕ се стджытӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви? Ӕгоммӕгӕстӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты, зӕгъгӕ? Уӕдӕ мах уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын нӕ бантыст бацӕуын. Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут.
Выбор основного перевода