Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Хуыцауы ныхас дӕм хӕстӕг у, де 'взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ис». Уый у, уырнындзинады тыххӕй мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы ныхас: Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ – Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ ӕрцӕуӕм Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй, фидар уырнындзинадимӕ – Йесойы туг нын ссыгъдӕг кодта нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ ссӕрибар стӕм ӕфсармы тӕрхонӕй, нӕ буар нын цӕхсадӕуыд сыгъдӕг донӕй. Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, фӕстӕмӕ куы ахӕца, уӕд та дзы райгонд нӕ уыдзынӕн».
Выбор основного перевода